Булкъаты Михал. Роман Теркй — Туркм-йы конфликт м ныхмврд флгонцт.



Билет №1.

1.Ирон литературӕйы равзӕрд.

18-ӕнусы ӕмбисы райдыдта ирон адӕмы ног истори.

Дыууӕ ӕнусы манголтимӕ тугуарӕн хӕстӕн кӕрон ӕрцыд.

Ӕппӕт Кавказы адӕмты раз фӕзындис фарст: цы фӕуой, кӕдӕм цӕуой сӕ дарддӕры цардвӕндагыл

Сӕ разы уыд дыууӕ фӕндаджы: кӕнӕ пысылмон Турк кӕнӕ Уӕрӕсе.

1865 азы ирон дзыллӕйӕ иу хай равзӕрстой Турк ӕмӕ фӕлыгъдысты уырдӕм,

иннӕтӕ баззадысты Уӕрӕсейы.

Сабыргай нӕ адӕмы ’хсӕн национ хиӕмбарынад рӕзын райдыдта.

Ирыстоны чырыстон дин сног кӕнынӕн арӕзт ӕрцыд къамис 1743 азы.

Къамис 18 -ӕнусы дӕргъы архайдта, цӕмӕй ирон сабитaн арӕзт ӕрцӕуа дины скъола ӕмӕ дины чиныг.Уымӕ гӕсгӕ 1-аг скъола арӕзт ӕрцыд 1753 азы -Мӕздӕджы. 18-ӕнусы кӕрон фыццаг ирон чиныгӕн дӕр бантыст йӕ рауадзын 1798 азы Мӕскуыйы

ахӕм номимӕ. «Начальное учение человеком, хотящим учитися книг божественного писания». Ацы чиныджы размӕ ма уыд ирон ӕвзагыл Хуыцаумӕ кувӕн чингуытӕ, фӕлӕ сӕ къухы ницы баззад. Уымӕ гӕсгӕ ацы чиныг нымад ӕрцыд фыццаг ирон чиныгыл.

Литературaӕйы фӕзынды ӕнӕмӕнг культурон уавaрыл нымайӕм: сӕйрагдӕр-скъола ӕмӕ чиныг.

19-ӕнусы фыццаг ӕрдӕджы Ирыстоны, Цӕгаты дӕр ӕмӕ Хуссары дӕр иугай скъолатӕ уыд, ирон сабитӕ кӕм ахуыр кодтой, ахӕмтӕ. Хъӕздыг адӕм сӕ сабитӕ ӕрвыстой Уӕрӕсейы скъолатӕм, уӕлдайдӕр та -ӕфсӕддон скъолатӕм. Афтӕмӕй рaзыд ӕмӕ бӕрзонддӕр кодта иумӕййаг ахуырдзинад, кӕсын-фыссын чи зыдта, уыдоны нымӕц. Фӕзынд нӕм ахуыр лӕгтӕ, адӕмы ’хсӕн рухс тауӕн куыст чи кодта, ахӕмтӕ Колыты Аксо, Ӕгъуызаты Иуане.

2. Брытъиаты Елбыздыхъо. Трагеди «Амыран» — ы сюжет ӕмӕ идейон мидис. Брытъиаты Е. уыд ӕхсӕнадон кусӕг ӕмӕ курдиатджын фыссӕг. Райгуырд 1881 азы 23 мартъийы Куырттаты комы, Дӕллагхъӕуы. Йӕ ныййарджытӕ уыдысты зӕхкусджытӕ. Елбыздыхъо нымад у ирон литературӕйы куырд -ирон театр ӕмӕ драматургийы бындурвӕрӕг. Йӕ тыхтӕ сарӕзта ирон театр саразынмӕ. Йӕ драмӕты бындурыл фӕзынд ирон театр.

1905 азы революцийы тохы бацыд , ӕрцахстой йӕ ӕмӕ йӕ ахастой Назраны фидармӕ.Фӕлӕ уым дӕр нӕ ныуагъта йӕ фыссыны куыст. Фӕтӕгены рухсмӕ ныффысста йӕ диссаджы драмӕ «Дыууa хойы».

Елбыздыхъойӕн йӕ фӕстаг егъау драмӕ уыд «Амыран». Драмӕйыл хъуыды кӕнын раджы райдыдта , фӕлӕ йӕ фыста 12 азы. Райдыдта йӕ фыссын 1909 азы ӕмӕ йӕ фӕцис 1921 азы. Елбыздыхъо йӕ драмӕйы равдыста революцийы уылӕнтӕ. 1905 -07 азты кӕй нӕ фӕуӕлахиз революци , уый тыххӕй тынг хъыг кодта. Уымӕ гӕсгӕ Советон хицауад куы ӕрфидар , уӕд ӕй фӕцис фыст,уымӕн ӕмӕ Елбыздыхъо йӕ разы цы хӕстӕ ӕрӕвӕрдта, уыдонӕн дзуапп ссардта Октябры революци куы фӕуӕлахиз, уӕд . Уымӕн 12 азы цы нӕ бантыст , уый йын бантыст цалдӕр мӕймӕ. Драмӕйы сӕйраг архайӕг, фыййау Бесӕ бахаудтa бӕрзонд хохы цъасма. Уым банызта суадонӕй, кӕцы арӕзт уыд Амыраны туг ӕмӕ цӕссыгӕй. Уӕд бамбӕрста Амыраны сагъӕс, уӕд ракаст йӕ цӕстытӕй. Бамбӕрста Амыран кӕй у адӕмы хӕрзгӕнӕг.Бамбӕрста адӕмӕн уӕларвӕй зынг чи ’рхаста, уый лӕгӕты баст кӕй у ӕмӕ йын уари кӕй хӕры йӕ игӕр ӕмӕ йын ’ххуыс кӕй хъӕуы. Ӕххуыс та йын уый бакӕндзӕн ӕмӕ йын йӕ суадонӕй чи фӕхъӕсӕтӕ уа. Суадонӕй фӕхъӕстӕ Бесӕ.Тох кӕны йе суӕгъд кӕныныл. Уый тыххӕй хъуыд рӕхыс. Рӕхыс саразынӕн та-куырдадз. Куырдадз саразынӕн та-рӕстӕг. Ома ацы рӕстӕг — 1905-й —1917-ӕм рацыд 12 азы -революцийы рӕстӕг.Бесӕ райдыдта кусын , нӕй йын ӕххуысгӕнӕг. Адӕм ыл не ууӕндынц, схӕрам ӕм сты йӕ бинонтӕ дӕр. Фыссӕг та афтӕмӕй ӕмбарын кодта революцийы хабар адӕмӕн. Бесӕ уӕддӕр сарӕзта рӕхыс ӕмӕ йӕ схаста лӕгӕтмӕ. Адӕм ӕй фӕстӕмӕ фӕкӕсын кодтой ӕмӕ уымӕй уыд Бесӕйы мӕлӕт. Арв ӕй ӕрцавта ӕмӕ фӕмард, лӕгӕты дуӕрттӕ ахгӕдта. Ам дӕр та фыссӕг зӕгъы ома иунӕг адӕйӕмагӕн йӕ тых фаг нӕу сӕрибар ссарынӕн.

Билет №2.

1.Ирон адӕмы дзургӕ сфӕлдыстад куыд литературӕйы фӕзынды аивадон бындур. Нарты кадджытӕ.Сӕйраг циклтӕӕмӕ хъайтартӕ. Кадджыты историон бындур.

Раджы заманы нӕ уыдис фыссынад ,нӕ уыдис чиныг.Уымӕ гӕсгӕ адӕм сӕ хъуыдытӕ,се ’нкъарӕнтӕ ,сӕ бӕллицтӕӕвдыстой дзыхы ныхасӕй, аргъӕутты , таурӕгъты, кадджыты, уыци- уыциты, ӕмбисӕндты фӕрцы. Ацы хуызтӕ сты адӕмон сфӕлдыстад, кӕнӕ та фольклор.

Адӕмон сфӕлдыстадӕн ис цалдӕр хуызы:

аргъӕуттӕ, кадджытӕ, зарджытӕ, ӕмбисӕндтӕ, таурӕгътӕ, уыци-уыцитӕ.

Ацы хуызтӕй зынгӕдӕрыл нымад сты кадджытӕ ,уӕлдайдӕр та Нарты кадджытӕ. Нарты кадджытӕ дих кӕнынц 5 циклыл:

1.Уӕрхӕг ӕмӕ йӕ фырттӕ.

2.Уырызмӕг ӕмӕ Сатана.

3. Хӕмыц ӕмӕ Батрадз.

4. Сослан.

5. Сырдон.

Нарты кадджыты сӕйраг хъайтартӕ сты :

УЫРЫЗМӔГ-Нарты зондамонӕг, сӕ кадджын хистӕр, фӕразон.

ХӔМЫЦ-Нарты хистртӕй, Уырызмӕджы кӕстӕр ӕфсымӕр.

СОСЛАН-хъӕбатыр, ныфсхаст, ӕндонӕй сӕрст, ӕрхъуыдыджын.

БАТЫРАДЗ-Нарты хъӕбатыртӕй иу, АИПП кӕмӕ нӕй ,ахӕм болат гуырд , тох

кодта уӕйгуыты, зӕдты, хуыцӕутты ныхмӕ.

СЫРДОН-Нартӕн фыдбылызтӕ аразӕг, цыргъӕвзаг, цыргъзонд адӕймаг.

САТАНА-Нарты ирвзынгӕнӕг стонг заманы, зондджын, кӕрдзындӕттон. Йӕ

къӕбиц уыд уӕле исгӕ, бынӕй ахадгӕ, абон дӕр ма ӕмбисондӕн баззад

Сатанайау бӕркадкъух,згъгӕ.

Нарты кадджыты ’вдыст ӕрцыд нӕ раг фыдӕлтӕн сӕ тых, сӕ зонд, сӕ хъару, сӕ цард ӕмӕ сӕ культурӕ.

Нартмӕ уыдис ӕрт мыггаджы:

1.БОРӔТӔ -уыдысты фӕрныг, мулкӕй хъӕздыг.

2.ӔХСӔРТӔГКАТӔ - хъӕбатыр мыггаг.

3. АЛӔГАТӔ- лӕгӕй хорз.

Нарт дих кодтой ӕрт хайыл:

1. Уӕллаг Нарт.

2. Астӕуккаг Нарт.

3. Дӕллаг Нарт.

2.Гӕдиаты Цомахъ. «ОС-Бгъатыр». Трагедийы историон бындур, йӕ конфликт.

Гӕдиаты Цомахъ райгуырд 1882 азы,14 январы, Ганисы хъӕуы, Хъуды комы. Йӕ фыд Секъа цардагур ралыгъд ӕд бинонтӕӕмӕ’ рцард Джызӕлы.Секъа йӕ сывӕллӕттӕй Цомахъӕй фылдӕр никӕй уарзта. Цомахъ нымад у нӕ литературӕйы куыд поэт,прозаик,куыд революционер. Уымӕ гӕсгӕйӕ’рцахстой 1908-азы. Дыууӕ азы фӕбадт ахӕстоны, стӕй хаст ӕрцыд Сыбырмӕ.Сыбырӕй сыздӕхт 1917 азы, йе ’нӕниздзинад фесӕфта , афтӕмӕй. Амард 1931 азы , 24 октябры.

Йӕ цардмӕ гӕсгӕ дих кӕны йе сфӕлдыстад дӕр -3 хайыл:

1. —-1905 азмӕ.

2. 1909-1917 азмӕ.

3. 1917-1931 азм..

Йе сфӕлдыстады зынгӕ бынат ахсы трагеди Ос-Бгъатыр.

Мыхуыры рацыд 1929 азы.

Архайд цӕуы Иры хӕхты ӕмӕ Гуырдзыстоны. Ирыстоны, Цӕгаты адӕмы ’лхъивынц манголтӕ, кӕсӕг, Хуссары та вирхъау митӕ кӕнынц гуырдзиаг ӕлдӕрттӕ. Иннӕрдыгӕй сӕм лӕбурынц цӕцӕн, тӕрынц сын сӕ фос, кӕнынц сӕ цагъарӕн.

Афтӕмӕй хӕлдис ирон фарн. Уымӕн ӕмӕ Ирон адӕмӕн нал уыд паддзах, стӕй сӕм нӕ уыд ӕфсад, политиӕ ӕмӕӕдасдзинады стратеги закон.

Габе- ОС-Бгъатыр ӕххуысмӕ растад мӕгуыр адӕмӕн. Сӕрибар кӕны ’ппӕт мӕгуыр адӕмы Ир ӕмӕ Гуырдзыйы хъӕуты ’лдӕрттӕй.

Ис ын ӕххуысгӕнджытӕ Ирӕй дӕр ӕмӕ Гуырдзыйӕ дӕр. Габе та у сӕ раздзог.Ӕлдӕрттӕ кӕд ӕмӕ Гуырдзиаг ӕлдрттӕ уыдысты , уӕддӕр Габе фӕдзӕхсы йӕ адӕмы, цӕмӕй ӕнаххосӕй гуырдзыйӕ мачи ’рцӕуа ’фхрд.

Пырх ’рцыд ӕлдары фидар (крепость). Мард фӕцис ӕлдар. Суӕгъд кодтой ныккӕндӕй ахст адӕмы. Ӕлдары чызг куры, цӕмӕй йын баныгӕной йӕ фыды. Габе сӕххӕст кодта чызджы курдиат. Ӕлдар йӕхӕдӕг фыдлӕг уыд. Ирон сылгоймӕгтӕн йӕ къбылаты хӕссын кодта. Уӕхтӕнӕджы мад ӕмӕ фыды сифтыхта ӕмӕ сыл дур ласта. Уымӕ гӕсгӕ йӕ фырт мард ӕрцыд Уӕхтӕнӕджы къухӕй.

Кетеван бауарзта Габейы. Акодтой йӕ семӕ Габейы мадмӕ. Кетеван ӕмӕ Гыццийы тынг фӕндыд ӕмӕ Габе куы бафидыдтаид ӕлдӕрттимӕ.

Ӕлдӕрттӕ йӕм барвыстой , цӕмӕй бафидауой. Габе сыл баууӕндыдис ӕмӕ сӕ амӕттаг фӕцис. Уый Кетеван куы фехъуыста , ӕуд уый дӕр йӕхи доны ныппӕрста.

Билет №3.

1.Плиты Грис. Фыдыбӕстӕйы хӕсты темӕ Грисы сфӕлдыстады.

Поэмӕ «Авд цухъхъайы» ,скъуыддзаг наизусть.

Плиты Грис райгуырд Хуссар Ирыстоны ,Ручы хъуы 1913 азы. Йӕ ныййарджытӕ уыдысты зӕхкусджыт.. 1920-азы йӕ ныййарджытӕ ралыгъдысты Хуссар Ирӕй Цӕгат Ирмӕӕмӕ ’рцардысты Ногиры. Скъолайы фӕстӕ ахуыр кодта Цӕгат Ирыстоны Педтехникумы, Мӕскуыйы аивадон скъолайы артистты хайады. 1935 азы байгом ирон театр ӕмӕ уым куыста актёрӕй. Фыссын райдыдта1929 азты. Йе сфӕлдыстады зынгӕ бынат ахсы йӕ поэм «Авд цухъхъайы». Гӕздӕнты 7 фсымӕры сӕ удтӕ нывондӕн ’рхастой Райгуырӕн бӕсты сӕрвӕлтау.Сӕ мады сагъс ӕмӕ хъыг ӕвдыст ӕрцыд ирдӕй поэмӕйы. Поэт радзырдта 7 хъӕбулы сӕфты хабӕрттӕ хъарӕджы хуызы. Ирдӕй ӕвдыст ӕрцыд куыд хӕстонты хъӕбатырдзинад , афтӕ мады хъӕбатырдзинад дӕр. Уый у фӕлмӕнзӕрдӕ, рӕвдауӕг ӕмӕ фидар адӕймаг.(скъуыддзаг наизусть.)

2.Джыккайты Шамил. «Хъодыгонд зӕд». Патриотизм ӕмӕ национ иудзинады идейӕйы трагедийы.

Шамил райгуырдис Хуссар Ирыстоны Дзомагъы хъуы 1940 азы ,25-февралы. Йӕ фыд Федыр , 1952 азы ралыгъд Цӕгат Ирыстонмӕӕмӕӕрцард Камбилеевкӕйы. Ам каст фӕцис 1958 азы скъола дӕр. Дарддӕр ахуырмӕ бацыд Цӕгат Ирыстоны паддзахадон институтмӕӕмӕ каст фӕцис ирон филологон факулет. Уый фӕст куыста Цӕгат Ирыстоны радиойы редакторӕй.

1965-1968 азты ахуыр кодта аспирантурӕйы. Куыста телеуынынады студийы редакторӕй.

1970 азы бахъахъхъӕдта кандидаты диссертации ӕмӕ удӕй фӕстӕмӕ куыста Ц И П У-йы ирон филологийы кафедрӕйы сӕргълӕууӕгӕй, фӕлӕ 26-майы 2011 азы Цӕгат Ирыстоны мард фӕцис 74-аздзыд Давид Мурашевы къухӕй. Ацы хъуыддагӕн й аххосаг уыдис ахӕм ӕмдзӕвг.

Текст стихотворения Джигкаева Отправляются волчата совершать хадж перевод

Фӕцуынц биргъы цот хадзы,

Едут волчата на Хадж

Кӕрон сӕ тӕригъӕдтӕн нӕй.

Нет конца их преступлениям

Йӕ кӕнон тугдзых сырд нӕ уадзы,

Не угомонятся кровожадные хищники

Лӕбуры хурмӕ дӕр зыдӕй.

Даже кидаются на солнце.

С хъуыран биргътӕн — ыссырӕт,

Святая книга этих волков — клыки

Вӕййы с ламаз дӕр фыдвӕнд;

Даже молитва — с преступным умыслом

Хуытау нӕ уӕлмӕрдты цъӕх сырдтӕ

Как свиньи на нашем кладбище зёлёные

Звери

Кӕнынц Хуыцауы раз фыдгӕнд.

Совершают перед Богом злодеяние.

Гъей, сихт! Зӕхх уӕ быны ризӕд,

Эй, шейхи! Пусть земля дрожит под

вами,

Кӕнут уӕ ингӕнтӕ хуылыдз!

Увлажняйте свои могилы!

ӕлгъыст фӕут, ӕлгъыст! — фӕмизӕд

Проклятые, будьте прокляты! — пусть

Уӕ кувӕн сау дурыл мӕ куыдз.

На вашем молитвенном чёрном камне

мая собака помочится

Шамилӕн кӕд мӕ йӕ царды бонтӕ цыбыр разындысты , уӕддӕр йе сфӕлдыстад егъау бынат бацахста ирон литературӕйы.

Йӕ трагеди «Хъодыгонд зӕд» — ы ӕвдыст ӕрцыд 13—14-ӕнусы цаутӕ.

— Кӕддӕр йӕ ном ӕгас Европӕӕмӕ Азийыл кӕмӕн ныхъхъӕр, йӕ аргъуантӕ ныр дӕр ма Кубаны доны былтыл бӕрзонд рындзтӕй сӕрыстырӕй кӕмӕн фӕлгӕсынц, сӕрбахъуыды йӕ домбай сыхӕгтӕӕххуысагур кӕмӕ цыдысты, уыцы Аланты паддзахадыл XIII нусы ӕрцыди стыр бӕллӕх: манголты ӕрдонӕгтӕ йыл туджы зӕйтӕ рауагътой. Ир къордтӕ — дихтӕ ныййисты. Се ’лдӕртты фылдӕр хай сӕхи радтой тыхгӕнджыты къухмӕ, фӕсдзӕуинтӕй сын ныллӕууыдысты…

Ирттӕ — сӕ фыдгулты фсады уылӕнтимӕ мингӕйттӕй фӕхауӕггаг сты сӕ райгуырӕн бӕстӕй. XIII ӕнусы ирӕтты иу хай афтыди Хъырыммӕ, иннӕ та туркаг адӕмыхӕттытимӕ бахӕццӕ суанг Венгримӕӕмӕӕндӕр бӕстӕтӕм. Уыдӕттӕ зонгӕйӕ Шамил ’рцыд ахӕм хъуыдымӕ, цӕмӕй ныффысса йӕ фыццаг трагедии ӕмӕ зӕгъы:

Ирыстон цӕмӕй риссы Нӕ хицауад нӕ ’ ргӕвдынц, Ирыстоны сафынц. Адӕм ныддихтӕ сты! Ау, ирон адӕм никуыуал баиу уыдзысты? Ау, ирон адӕммӕ сидӕн дӕр нӕй цӕг уӕззау, цагъар уавӕры куы ис Ирыстон…Ӕмӕ цӕй тыххӕй райдыдтон фыссын мӕ трагеди. Рӕстӕг ӕй домдта. Мӕн фӕндыд, мӕ зӕрдӕйы арфы цыдӕриддӕр ис, уый зӕгъын.

Хæрз цыбыртæй йæ сюжет:

— Борхан — Аланийы фæтæджы фырт-рыздæхт йæ фыды уæзæгмæ æцæгæлон бæстæты дард балцæй æмæ йæ рæййафы тынг зын уавæры, змæст рæстæджы. Цалынмæ Борæхан балцы ром æмæ бердзентæм цыдис, фæрныг адæмыл зондагур зылдис, цæмæй уый фæстæ йæ фыды — фæтæджы кард хæссын фæраза, уæдмæ йæ фыд мард æрцыдис, адæм та хуыдуг кодтой Сыгъзæрин Ордайы фсондзы бын. Бæстæ ныммур, ныддихтæ ис, алыран — хæстытæ, цагъардзинад, адæмы æпптиумæйаг тых саст.Æмæ Борæханы бынат бацахста бонджын Атох.

Уый афтæ æнхъæлдта, æмæ фæтæджы фырт никуыуал рыздæхдзæн йæ балцæй. Борхан тынг ныфсджынæй æрцыд йæ райгуырæн зæхмæ, уыд æвдисæн нæдæр адæмты историон тохы хъæбатырдзинæдтæн, фехъуыста Куликовы быдыры уырысы уæлахиздзинад. Æмæ куы федта, цавæр уавæры ис йæ бæстæ, уæд йæ зæрдæ байдзаг арф патриотон æнкъарæнтæй.

Й хъуыдыйы ис Аланыстон й къхтыл слууын кнын, мангойлаг залымй й фервзын кнын. Атох м й хъузтт Борханы ныхм слууынц. Йе рцыдм йын й фыды кй амардтой, уый см фаг н фкаст, ноджы ма Буртджы дзыхй адм базонынц мнг ныхас, ома Борхан Гтджы фырт Сосланы фсхохм арвыста м й бабын кодта. Адмы хъуыды сзыгъуымм кодтой, адм н бамбрстой, цмн хъуы мсыг, бауундыдысты Атох м Дзуары лгыл, хъоды бакодтой Борханыл. Ноджы ма Борханы уарзон чызг Зрин, Атохы фырт Елбердй Брханы тыххй дам — думт фехъусы, ом, сахарты хтаг устытыл зылдис м дзы иуим фидыд у, згъг, м йхи атигъБорханыл.

Фл уддр й зрд ссудзы арф патриотон нкъарнтй. Патриотизм ахъаз у адймагн й хуыздр миниуджыт раргом кнынн. Раргом вййынц Борханн й мбхст миниуджыт. Й зрдйы тохы арт пиллон суадзы, куы фехъусы, адм кй бамбрстой с цагъарад, кй сразы сты срибарыл тохм цуыныл , уд.

Борхан аразы мӕсыг… Мӕсыг та у иудзинады символ, срибары символ, тохы символ.

Хъодыгонд зӕд, Шамилы фыццаг драмон уацмыс у. Сценикон цард федта 1980 азы. Йӕ режиссер — Дзиуаты Анатолий. Борӕханы ролы УСФСР-йы адӕмон артист Уататы Бибо. Кӕд ивгъуыд Ирыстоны хъайтар уыд Борхан, уӕддӕр йӕ адӕм райстой, куыд абоны хъайтар, афтӕ. Уымӕн мӕ нӕ абоны цардм бахаста ног хъуыды, адӕмы хоны иудзинадм, ныфс сын дӕтты. Режиссер Дзиуаты Анатолий фыццаг бӕхты театр Нарт байгом кодта Джыккайты Шамилы пьесӕмӕ гӕсгӕ арӕзт спектакль Хъодыгонд зӕд-й

Билет №4.

1.Ӕгъуызаты Иуане- фыццаг ирон рухстауг.

Ӕгъуызаты Иуане Гиуӕргийы фырт , йе ’цӕг мыггаг –Гӕбӕратӕй, цӕмӕй уӕздан мыггагыл нымад ӕрцыдаид , уый тыххӕй йӕхи ныффыста рагон ирон паддзахы мыггаг Ӕгъуызатыл. Райгуырд Хуссар Ирыстоны Зӕлдайы хъӕуы . Ахуыргонтдӕ куыд сбӕрӕг кодтой , уымӕ гӕсгӕ, чысылӕй ахауд Гуырдзыстонмӕ, Калакмӕ, ӕмӕ паддзах Илакрийы ’ххуысӕй ахуырмӕ бацыд дингӕнӕг Карумидземӕ. Ахуыр ӕй кодта гуырдзийаг ӕвзагыл.

Ахуыры фӕстӕ нысангонд ӕрцыд ахуыргӕнӕгӕй Душетмӕ. Акуыста дзы 3-азы , стӕй кусын райдыдта тӕлмацгӕнӕгӕй, Уырысы паддзахӕн гуырдзыстоны цы хицутт уыд, уыдонимӕ.

Хицутты хъуыдис , цӕмӕй сӕ адӕм бамбарой , ӕмӕ уый тыххӕй та хъуыдис семӕ сӕ мадӕлон ’взагыл ныхас кӕнын. Иуане та хорз зыдта 3- ’взаджы ӕмӕ зӕрдиагӕй куыста семӕ. Ӕмбарын кодта ирон адӕмӕн , цӕмӕй уырысы адӕмы ныхмӕ ма стох кӕной, уыдон сӕ бахъахъхъӕндзысты гуырдзийаг ӕлдӕртты ’фхӕрдӕй,уӕлдайдӕр та Мацабел ӕмӕ Ерыстау ӕлдарӕй.Куыста Калачы дины семинары дӕр , амыдта

семинары ирон сабитӕн ирон ӕмӕ гуырдзийаг ’взаг.

Фӕстагмӕ рынчынтӕ кӕнын райдыдта. Йӕ тыхтӕ ма радта ирон ’взагыл дины чингуытӕ тӕлмац кӕнынмӕ, сарзта райдайӕн скъолатӕн абеты чиныг Дамгъуат, стӕй ма саразын кодта Хуссар Иры Чеселтгомы иу скъола.Ӕппӕт ацы хабрттӕ дзургӕ сты Иуане рухстауӕг кӕй уыд.

Иуане амард 1830 азы, 5августы халерй.

Иуане ма махӕн ныууагъта хъайтарон кадӕг гуырдзийаг ’взагыл фыстӕй Алгузиати,зӕгъгӕ , кӕцы ран брзонд бынаты вры ирон лджы кад. Ирон взагм й ратлмац кодта Бестауты Геурги, Алгъуызы кадг , згъг.

Булкъаты Михал. Роман Теркй — Туркм-йы конфликт м ныхмврд флгонцт.

Хъомысджын, хъбатыр хстон адм уыдысты н рагфыдлт. Фл амондджын н рауад н хъысмт историйы. Фыццаг гунты ныхм тохы рдг фесты н кадылмард фыдлт, уый фст та с ттры

рбабырст ныппырх кодта Кавказы ххты цъассыты. Цы армыдзаг адм ма баззад ирттй, уыдоны иу къорд та Турчы дзрг быдырты баззадысты.

Уырыссаг-туркаг хст куы банцад, уд ирон хстонт др сыздхтысты с райгуырн узгм, адм сын цины куывдт фкодтой, скодтой сыл кады зарджыт. Паддзах сын

радта хохй быдырм ралидзыны бар. Кодтой амондджын царды уынаффт. Фл удм стыхджын уырысы паддзахы колониалон политик др. 1840-м азы рацыд паддзахы бардзырд, цмй быдыры зххыт угъдгонд рцуой. Брг ма архайдтой ирон адм с зххыт бахъахъхъныныл, фл та удм рацыд ног бардзырд: Зххыт асыгъдг кнын ирттй 1849 азы уалдзгм, м дзы рцрд Владикавказы фыццаг хъазахъхъаг полк. Афт 1851 азм быдыры хъуты цалдры иунг ирон хдзар др нал аззад; чи фстм хохм алыгъд, чи Ксгм, сенн хай та с ср бафснайынн равзрстой пысылмон Турк.

19-м нусы райдианы райдыдта Кавказы адмты хст Урсейы паддзахы ныхм. Й сргъы рлууыд дагъистайнаг имам Шамиль. Хст уыд дргъвтин, й фст иртты иу хай райста пысылмон дин. Уыдон тарстысты, с дин сын чырыстон диним куы смхцц кной, уымй м сагъсы бацыдысты. Фстдр куыд рабрг, афтмй уыцы идейт парахат кодта паддзахы администраци. Уый й колониалон политик хъахъхънгй, стй хххон адмты ныссабыр кныны тыххй сразнгард кодта Кавказаг адмты егъау хай Туркм алидзыныл. Уыдоним ирон адмы иу хай др. Уыцы хъуыддаг хсгонд рцыд паддзахы фсады инлар Куындыхаты Муссйн. Ксм уды рстджы сусг писмо: Уыцы хъуыддаджы брны уый йхдг Куындыхаты Мусс цуы м сусг мадзлттй спайда кныны фст срды мйты 3 мин хдзарй къаддр кй н акндзн, ууыл гуырысхо н кны…. Афтмй ирон адмы иу хай Туркм хуыздр царднхъл аивылд. Уый уыд ирон адмы трагеди.Уый мбаргй бирт архайдтой с бауромыныл, згъм, зындгонд рухстауг Колыты Аксо, фл сын дзы ницы рауад.

Сем уыд фыццаг ирон профессионалон поэт Мамсыраты Темырболат др, цыдис ыл 22 азы, фыццаг ирон публицист Хъаныхъуаты Инал.

Нырыккон фысджыт Богазты Умар м Булкъаты Михал зрдрисгй вдисынц уыцы цаут, стй Мамсыраты Темырболат, 1922 азы Муссйы фырт Дзуджыхъум рхаста Темырболаты уацмыстй 10 мдзвгйы къопит м ма загъта, уый разм адмон зарджы хуызы кй зыдтой иры дзылл, уыцы Сагъст др Темырболаты фыст кй сты.

Чи сты уацмысы сйраг архайджыт

- Мусс м Темырболат.

- Чи уыд Мусс Чи уыд Темырболат

- Мусс — паддзахы фсады инлар, Темырболат- фыццаг ирон профессионалон поэт, Муссйы хрфырт.

Куындыхаты Мусс м Мамсыраты Темырболат сты ныхмврд флгонцт. Ирон лигъдтт фыднхъл фесты, цы дзнты бстй сын ныфс врдта Мусс, стй моллот др, уымй. Брг ма чидрт афнд кодтой фстм раздхын, фл уый нцон хъуыддаг н уыд. Уды заманы архивон гххтты фыст уыд: 1872 азы 850 черкесаг бинонт, фстм нын н райгуырн бстм ацуыны бар раттут, згъг, ахм курдиат балврдтой Урсейы минвр Константинополы инлар Игнатьевм. С тыхст уавры тыххй уыдон фыстой: Ныр аст азы дргъы кнм ххуырсты куыст. Цы тыллг рзайын кнм, уымн й растмбис айсынц зххыты хицутт. Исынц нын н фос, адймаг цмйдриддр цры, уый, суанг ма н сывллтты др, м с цагъайргтй уй кнынц…Н урджытыл лугй дын лгъст кнм м й брзонддзинад императорй ракур, цмй нын бар ратта н райгуырн бстм аздхынн. Хуыцауы номй д курм, адзалй, хъизмары цардй н фервзын кн. Уыцы курдиатм 1873 азы райдианы император Александр III куы ркасти, уд ыл цхгрм бафыста: Се рбаздхыныл дзург др мачи кнд.

Кй згын й хъуы, туркаг ирон адмн др Муссйы ном сси лгъыстаг У, Мусс, д хъбул амла, згъг.

Бир азт рацыд, романы дзырд цы цаутыл цуы, уыдонй. Фл абон др ирон адмы ном сфт ну Турчы зххыл. Турчы црг ирон адм абон др архайынц с фыдлты взаг бахъахъхъныныл, ис см ирон культурйы центр. С фсивд архайынц ирон взагыл мдзвгт фыссыныл. Згъм, Цъхилты Ехья, Мамсыраты Музаффар м бирт.

3.Иу мдзвг наизусть радзурын.

Билет №5.


Дата добавления: 2018-05-12; просмотров: 740; Мы поможем в написании вашей работы!

Поделиться с друзьями:






Мы поможем в написании ваших работ!